15 Сымах дзурут, Дунедарӕг нын Вавилоны дӕр пехуымпартӕ радта, зӕгъгӕ.
Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн.
Нехеламаг Шемайайӕн афтӕ зӕгъ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй: «Ды дӕхи фӕндонӕй ӕгас Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сауджын Софониамӕ, Маасеайы фыртмӕ, стӕй иннӕ сауджынтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фыстӕджытӕ фервыстай. Дӕ фыстӕджы фыстай:
Кевары доны был хаст адӕмимӕ куы цардтӕн — ӕртынӕм азы, цыппӕрӕм мӕйы фӕндзӕм бон — уӕд арвы дуар байгом ис, ӕмӕ мын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн.
халдейаг зӕххыл, Кевары доны был, Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта сауджын Езекиелӕн, Бузийы фыртӕн. Уыцы ран ыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд.