5 Пехуымпар Йеремиа, Дунедарӕджы хӕдзары цы сауджынтӕ лӕууыд, уыдоны, стӕй ӕппӕт адӕмы раз пехуымпар Хананиайӕн дзуапп радта:
Педаиайы фырттӕ: Зоровавел ӕмӕ Шими. Зоровавелы фырттӕ: Мешуллам ӕмӕ Хананиа, сӕ хо — Шеломит.
Йеремиа, Дунедарӕг ӕй пехуымпариуӕг кӕнынмӕ кӕдӕм арвыста, уыцы Тофетӕй куы ’рбаздӕхти, уӕд Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕууыд ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта:
«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.
Паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг кодта Иудейы. Уыцы азы фӕндзӕм мӕй мын гивонаг пехуымпар, Аззуры фырт Хананиа, Дунедарӕджы хӕдзары, сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз загъта:
«Дунедарӕджы хӕдзары кулдуары раз ӕрлӕуу ӕмӕ фехъусын кӕн: „Ӕгас Иудей, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! Ацы кулдуарыл Дунедарӕгӕн бакувынмӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдон иууылдӕр хъусӕнт!“»