17 Ӕмӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕйы пехуымпар Хананиа амарди.
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауади хъуыддаг. Паддзахы фӕсдзӕуин адӕмы къӕхты бын фӕци ӕмӕ амард.
Пехуымпарты ныхмӕ сыстадтӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрмӕст дзӕгъӕлдзырд кӕнынц, афтӕмӕй та дзурынц Дунедарӕджы номӕй.
Паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг кодта Иудейы. Уыцы азы фӕндзӕм мӕй мын гивонаг пехуымпар, Аззуры фырт Хананиа, Дунедарӕджы хӕдзары, сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз загъта:
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Зӕххы цъарӕй дӕ фесафдзынӕн: ацы аз амӕлдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтай».
Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.
Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».
Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.