Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 27:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй цӕмӕн хъуамӕ бабын уат? Дунедарӕг ахӕм тӕрхон рахаста, Вавилоны паддзахӕн лӕггад чи нӕ кӕна, уыцы адӕмтӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 27:13
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ ныхмӕ чи сысты, уый та йӕхӕдӕг йӕхи сафы, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон уарзынц мӕлӕт».


Дӕхи аххосӕй, цы зӕххы хай дын радтон, уымӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы бӕстӕйы дӕ Ӕз де знӕгтӕн цагъайраг скӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕнусмӕ дӕр нӕ ахуысдзӕн».


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.


Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзысты. Халдейӕгты къухтӕм йӕхи чи радта, уыдон та удӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзысты.


Йеремиа йын загъта: «Нӕ дӕ ратдзысты уыдоны къухтӕм, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Цы дын зӕгъын, уый бакӕн ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ.


Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,


Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.


Уӕхицӕй аппарут, ныронг цы тӕригъӕдтӕ кодтат, уыдон ӕмӕ райсут ног зӕрдӕ ӕмӕ ног уд. Израилы адӕм, цӕмӕн хъуамӕ бабын уат?


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ