35 Фыййӕуттӕн бамбӕхсын нӕ бантысдзӕн, рӕгъауы фӕтӕгтӕ нӕ фервӕздзысты.
Ӕнаккӕгтӕн та сӕ цӕстыты рухс ахуысдзӕн, сӕ сӕр кӕм бафснайой, уый сын нӕ уыдзӕн, сӕ зӕрдӕдарӕн фесӕфдзӕн».
Мӕ уд мӕ мидӕг бастади, мӕ зӕрдӕ бандзыг ис.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.
Хъуысы фыййӕуты кӕуын, дзыназынц рӕгъауы фӕтӕгтӕ: Дунедарӕг сын бабын кодта сӕ сӕрвӕттӕ!
Иудейы паддзах Цедекиа дӕр халдейӕгты къухтӕй нӕ аирвӕздзӕн, ӕнӕмӕнг Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудзӕн ӕмӕ йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзӕн.
Дӕхӕдӕг дӕр паддзахӕй нӕ аирвӕздзынӕ, ӕрцахсдзысты дӕ, ӕмӕ йӕ къухмӕ бахаудзынӕ. Вавилоны паддзахы раз ӕрлӕудзынӕ, йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзынӕ ӕмӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ.
Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».
Фӕлӕ вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕн сӕ размӕ куынӕ рацӕуай, уӕд ацы сахар халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ басудздзысты, дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ“».
Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».
Фыр тӕссӕй лидзӕг чи фӕуа, уый дзыхъхъы ныххаудзӕн, дзыхъхъӕй чи схиза, уый ахсӕн хызы аирвӕздзӕн, уымӕн ӕмӕ Моавӕн йӕ тӕрхоны аз ралӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“»
Уый ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд, радта дзырд ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодта. Гъемӕ нӕ аирвӕздзӕн».
Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,
Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр.