Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 25:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ иу адӕмӕй иннӕмӕ фыдбылыз цӕуы, зӕххы кӕрӕттӕй стыр тымыгъ сыстад».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 25:32
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адӕмтӕ цагътой кӕрӕдзи, иу сахар иннӕйы ныхмӕ сыстади, сызнӕт сты, уымӕн ӕмӕ сыл Хуыцау алы фыдбылызтӕ ӕрцӕуын кодта.


Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.


Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.


Сӕ фаттӕ уыдзысты цыргъ, се ’рдынбостӕ — ӕлвӕст. Сӕ бӕхты сӕфтджытӕ — ӕхсондуртау фидар, сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ размӕ тӕхдзысты зилгӕ уадау.


Ӕз сын зонын сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ цӕуын алы адӕмты, алы ’взӕгтыл чи дзуры, уыдоны ӕрӕмбырд кӕнынмӕ. Ӕрцӕудзысты уыдон ӕмӕ Мын фендзысты Мӕ кад.


Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.


Мӕнӕ Дунедарӕджы тыхдымгӕ, фыр мӕстӕй абухгӕйӕ, зилдух кӕнын систа! Тымыгъ сыстад ӕмӕ фыдгӕнджыты сӕртӕ бабын кӕндзӕн!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты!


Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!»


Уӕдӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн цы бон ныллӕудзынӕн, уымӕ! Мӕнӕ уын Мӕ тӕрхон: Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн адӕмты ӕмӕ ӕппӕт паддзахӕдтӕм фӕсиддзынӕн, цӕмӕй сыл Мӕ маст ныккалон, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх Мӕ зӕрдӕхсайды артӕй басудздзӕн.


Загъта ма сын: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕйы ныхмӕ, паддзахад — паддзахады ныхмӕ.


Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ