Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 25:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Гыбар-гыбур зӕххы кӕрӕттӕм айхъуысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. Уый алкӕмӕй дӕр дзуапп ӕрдомдзӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 25:31
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ хъӕлӕсы ныннӕрдӕй адӕмтӕ лидзӕг фесты, Дӕ бынатӕй сыстадтӕ — фӕйнӕрдӕм ныххӕлиу сты.


Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.


Уый уыдзӕни Дунедарӕджы мастисӕн бон, Сионы фыдгултӕн се сӕфты заман.


Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн, ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.


Уӕддӕр зӕгъыс: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн, мӕ рӕзты ацӕудзӕн Йӕ маст». Тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн.


Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.


Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“».


Ӕрӕввахс ис сау бон! Хуыцауы тӕрхоны бон, сау бон ӕрӕввахс, адӕмтӕн сӕ азары бон ӕрхӕццӕ кӕны!


Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн емынӕйӕ ӕмӕ тугныккалдӕй. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йе ’рдонгтыл дӕр, стӕй ма ноджыдӕр — йемӕ чи рацыд, йӕ уыцы бирӕ адӕмтыл дӕр ныккалдзынӕн хъаймӕты тыгъдызӕй, их дуртӕ ӕмӕ судзгӕ сондон.


Фӕлӕ Дунедарӕг Иудӕимӕ дӕр тӕрхон кӕны. Уый Йаковы йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзӕн.


Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.


Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой.


Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ