Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 25:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 цӕгаты дард ӕмӕ хӕстӕг паддзӕхтӕн, иуӕн иннӕйы фӕдыл — зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Шешахы паддзах та уыцы кӕхцӕй ӕппӕты фӕстаг бануаздзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 25:26
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».


Ӕвдай азы куы рацӕуа, уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй Вавилоны паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы, стӕй халдейӕгты бӕстӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕнусмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн.


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Уӕ, мӕнӕ куыд бацахстой Шешах, ӕгас дунейы кад куыд басастой! Адӕмтыл тас бахӕцыд, Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ.


Дунедарӕджы уаз Кувӕндонмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ куы бацыдысты, уӕд мах сӕгад стӕм, хынджылӕггаг систӕм ӕмӕ худинаджы бын фестӕм.


Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цӕгаты барджын ӕлдӕрттӕ иууылдӕр, стӕй ӕппӕт сидойнӕгтӕ. Уыдон дӕр — хъӕбатыр хӕстонтӕ, уӕлӕуыл цардудтыл ӕфтыдтой стыр тас ӕмӕ, кӕй амардӕуыд, уыдонимӕ ныццыдысты дӕлдзӕхмӕ, уым, карды амӕттаг чи баци, уыдонимӕ дих кӕнынц сӕ худинаг.


Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ