Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 25:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 25:23
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кушы фырттӕ: Сева, Хавила, Савта, Раама, Савтеха. Раамайы фырттӕ: Сава ӕмӕ Дедан.


Уц — хистӕр, уый фӕстӕ — Буз, иннӕтӕ — Кемуел, Арамы фыд,


Хадад, Тема, Йетур, Нафиш, Кедма.


Мишма, Дума, Масса, Хадад, Тема,


Дзӕгъӕлы сӕ фӕагурынц темайаг чырӕтӕ, сӕ зӕрдӕ сыл дарынц савайаг фӕндаггӕттӕ;


Дунедарӕг Кедар ӕмӕ Хацоры паддзахӕдты, Вавилоны паддзах Навуходоносор кӕй басаста, уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: — Сыстут ӕмӕ Кедары ныхмӕ схӕцут, ныгуылӕйнаг адӕмы сафтид кӕнут!


Сӕ теуатӕ кӕйдӕр ӕфтиаг суыдзысты, сӕ бирӕ рӕгъӕуттӕ знӕгты хай бауыдзысты. Сӕ къӕмисӕнтӕ дасӕг адӕмы Ӕз дымгӕмӕ ныффӕйлаудзынӕн, алырдыгӕй сыл фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?


Деданы цӕрджытӕ, фӕстӕмӕ мауал кӕсут, лидзгӕут ӕмӕ лӕгӕтты бамбӕхсут. Уымӕн ӕмӕ Ӕз Исавӕн фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, йӕ тӕрхоны рӕстӕг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ бафхӕрдзынӕн.


«Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз, ӕрмӕстдӕр буары сунӕт чи скодта, уыдонӕн стӕрхон кӕндзынӕн.


Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр ӕмӕ Иудейы, Едом ӕмӕ Аммоны фыртты, Моав ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрджыты — сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвынӕг адӕмы. Иннӕ адӕмтӕ сунӕтгонд не сты, фӕлӕ Израил дӕр йӕ зӕрдӕйӕн сунӕт не скодта».


Уымӕ гӕсгӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мӕ къух сисдзынӕн Едоммӕ ӕмӕ йын ныццӕгъддзынӕн йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр, йӕхи та йын ныггӕныстон кӕндзынӕн. Теманӕй Деданы онг карды амӕттаг бауыдзысты иууылдӕр.


Демӕ базар кодтой Деданы сӕудӕджертӕ дӕр, стӕй денджызгӕрон сахартӕй бирӕтӕ. Ӕрбаластой-иу дын пылыстӕг ӕмӕ сау хъӕдӕрмӕг.


Деданы цӕрджытӕ дын уӕй кодтой зынаргъ базӕмбӕрзӕнтӕ саргъы бӕхты рӕвдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ