Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 25:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Едом, Моав ӕмӕ Аммоны фырттӕн;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 25:21
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ.


Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.


Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз.


Иудейаг паддзах Цедекиамӕ минӕвӕрттӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ уыдонимӕ Едом, Моав, Тир, Сидон ӕмӕ Аммоны фыртты паддзӕхтӕм арвит.


ӕмӕ йын загътой: «Ау, нӕ йӕ зоныс, аммонӕгты паддзах Баалис Нетаниайы фырт Измаелы дӕу амарынмӕ рарвыста, уый?» Фӕлӕ сыл Ахикамы фырт Гедалиа нӕ баууӕндыд.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.


Аммонӕгты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй? Ау, ӕнӕ бындарӕй баззад? Милком цӕмӕн бацахста Гады зӕхх, ӕмӕ йӕ адӕм Гады сахарты цӕмӕн цӕрынц?


Уӕларвӕфсады Бардарӕг едомӕгты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ау, Теманы иу куырыхон нал ис, ӕмбаргӕтӕн бынтон фӕцыд сӕ зонд? Уӕлзонд скадавар?


Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр ӕмӕ Иудейы, Едом ӕмӕ Аммоны фыртты, Моав ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрджыты — сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвынӕг адӕмы. Иннӕ адӕмтӕ сунӕтгонд не сты, фӕлӕ Израил дӕр йӕ зӕрдӕйӕн сунӕт не скодта».


Уым дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы Едом йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт ӕлдӕрттимӕ, карды амӕттаг чи баци, уыцы хъӕбатыр хӕстонтимӕ. Уым хуыссынц, мӕрдтыбӕстӕм чи ныццыди, уыцы ӕнӕсунӕтты раз.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: аммонӕгтӕн сӕ фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй сӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной, уый тыххӕй Галаады сывӕрджын устыты кӕрдтӕй рӕхуыстой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Моавы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ Едомы паддзахӕн йӕ мардыл дӕр нӕ бацауӕрстой, басыгътой йӕ.


Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ