15 Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.
цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.
«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.
Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?
Уӕларвӕй нын фехъусын кодтай Дӕ тӕрхон, ӕмӕ дуне фыр тӕссӕй ныссабыр,
Хуыцау тӕрхон кӕндзӕни зӕххы цъарӕн, ӕппӕт адӕмтӕм сисдзӕни Йӕ къух.
Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.
Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.
Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».
«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».
«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.
Ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх сафтид кӕндзӕн: мӕлинаг чи у, уыдон амӕлдзысты; уацар кӕмӕ кӕсы, уыдон уацары ацӕудзысты; кард кӕмӕ кӕсы, уыдон карды цӕфӕй фӕмард уыдзысты.
Ӕгӕр бирӕ агурыс дӕхицӕн. Мацы кур, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт цӕрӕг удтыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕу та, кӕдӕмфӕнды куы ацӕуай, уӕддӕр фервӕзын кӕндзынӕн, хорзӕхӕн цард райсдзынӕ“».
Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас, цӕмӕй йын иннӕ адӕмты фидӕн базонын кӕна.
Срасыг ӕй кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстади! Уадз ӕмӕ Моав йӕ сӕты лӕзӕра, уадз ӕмӕ хынджылӕггаг суа!
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд, масты кӕхцӕй нуазыны аккаг чи нӕ уыди, уыдон дӕр дзы нуаздзысты, уӕд ды, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзынӕ? Ницы хуызы. Масты кӕхц иууылдӕр бануаздзынӕ ӕнӕмӕнг!
Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ды бануаздзынӕ, дӕ хо кӕй бануӕзта, уыцы фыдӕхы арф ӕмӕ стыр кӕхц. Уый куыд стыр у, афтӕ тынг фӕхудинаг ӕмӕ фӕаллайаг уыдзынӕ.
Дӕ бирӕ хъыгты уӕзӕй расыгау фӕуыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хо Самарийы кӕхц у фыд азар ӕмӕ гӕныстоны кӕхц!
Дыууиссӕдз азы дӕргъы уыдзӕни ӕдзӕрӕг йӕ алыварс бӕстӕтау, йӕ сахартӕ дӕр — гӕныстон, йӕ алыварс бӕстӕты сахартау. Ӕз мысырӕгты алы бӕстӕты, алы адӕмтыл ныххӕлиу кӕндзынӕн.
афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ маст пиллон уагъта, афтӕмӕй Ӕз дзырдтон иннӕ адӕмты ныхмӕ, уыимӕ ӕппӕт Едомы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх бакодтой сӕ исбон, цинӕй райгӕйӕ ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕйӕ».
Сымах Мӕ уаз хохыл куыд нуӕзтат, афтӕ ’ппӕт адӕмтӕ дӕр масты кӕхц нуаздзысты, фырнызтӕй ныррасыг уыдзысты, ӕмӕ зӕххыл сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.
Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!
уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.
Зӕд йе ’хсырф зӕххыл фехста, сӕнӕфсиры цупӕлттӕ ӕрлыг кодта ӕмӕ сӕ ныппӕрста Хуыцауы фыдӕхы стыр сӕндуцӕны.