14 Сӕхи дӕр сын ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ басӕтдзысты. Ӕз сын сӕ митӕм ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн».
Дунедарӕг мын мӕ маст райсдзӕни! Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх мыггагмӕ у! Ма мӕ ныууадз, Дӕ къухтӕ мӕ куы сфӕлдыстой!
Хӕхты тыхджын уынӕр хъуысы, цыма ӕнӕнымӕц дзыллӕйы хъӕлӕба у, уыйау. Абухынц паддзахӕдтӕ, ӕмбырдтӕ кӕнынц адӕмтӕ. Уый Уӕларвӕфсады Бардарӕг фӕсидти хӕстифтонг ӕфсадмӕ.
Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.
Сахарӕй хъуысы тохуынӕр, Кувӕндонӕй — фӕдисхъӕр! Уый Дунедарӕг Йӕ фыдгултыл бафтыдта Йӕ фыдӕх.
Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.
Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.
Цӕгатӕй ӕрбацӕуынц ӕнӕнымӕц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй сыстадысты паддзӕхтӕ.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕгатаг зӕххытӕй ӕнӕнымӕц адӕмты сыстын кӕндзынӕн. Ӕрбакӕндзынӕн сӕ Вавилоны ныхмӕ хӕцынмӕ, ӕмӕ йӕ бацахсдзысты. Хӕрзарӕхст сты сӕ фатӕхсджытӕ, ӕнӕ ӕфтиагӕй не здӕхынц фӕстӕмӕ.
Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн.
ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».
Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.