31 Пехуымпарты ныхмӕ сыстадтӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрмӕст дзӕгъӕлдзырд кӕнынц, афтӕмӕй та дзурынц Дунедарӕджы номӕй.
Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».
Израилы паддзах фӕсидти цыппарсӕдӕ пехуымпармӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ацу. Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзӕн».
Уыдон зонынджынтӕн фӕзӕгъынц, мауал, дам, дзурут рагуацтӕ, пехуымпартӕн та — мауал, дам, нын хъусын кӕнут рагацау рӕстдзинад, кӕнут нын козбау ныхӕстӕ, дзурут нын зӕрдӕхцон цӕстылуайӕнтӕ.
Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не ’рцӕудзысты».
Ӕз сыстадтӕн пехуымпарты ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ ныхӕстӕ Мын давынц кӕрӕдзийӕ.
Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕмӕ пехуымпар Йеремиа загъта пехуымпар Хананиайӕн: «Хананиа, байхъус-ма! Дунедарӕг дӕ нӕ рарвыста! Ды ацы адӕмӕн мӕнг ныхӕстӕй зӕрдӕтӕ ӕвӕрыс.
Ӕмӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕйы пехуымпар Хананиа амарди.
Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.
Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.