Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 23:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 23:28
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».


Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?»


Рӕстӕвдисӕн сайгӕ нӕ кӕны, мӕнгӕвдисӕн мӕнгдзинадӕй улӕфы.


Уӕ мӕ адӕм, найгонд чи ӕрцыд мусы! Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, цы фехъуыстон, уый уын ныр хъусын кӕнын.


Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»


Пехуымпар Йеремиа сын дзуапп радта: «Хорз, ӕз скувдзынӕн Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, сӕххӕст уын кӕндзынӕн уӕ курдиат. Дунедарӕг уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕндзынӕн, иу дзырд дӕр дзы нӕ басусӕг кӕндзынӕн».


Уыдӕттӕ бамбарыны фаг уӕлзонд кӕмӕ ис? Кӕимӕ дзырдта Дунедарӕг, ӕппӕт адӕттӕ йӕ бон бамбарын кӕнын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг чи у? Цӕмӕн бабын ис ацы зӕхх? Ӕдзӕрӕг быдырау цӕмӕн басыгъд, иу цӕуӕг ыл цӕуылнӕуал ис?


Сылгоймӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Хъусут Ын Йӕ ныхӕстӕм лӕмбынӕг! Уӕ чызджыты хъарӕг кӕнын сахуыр кӕнут, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕриссӕн зарджытӕ амонут!


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона ӕнӕзонд пехуымпартӕн, ницы йын раргом ис, афтӕмӕй йӕхи зондӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонӕн!


Чи у уыцы иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакӕндзӕн ӕмӕ сын афоныл хӕринаг дӕттыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдзӕн?


Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?


Ӕмӕ ахӕм ӕууӕнкӕй чи фӕхайджын ис, уыдонӕй домдӕуы сӕхи иузӕрдионӕй равдисын.


Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.


Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ