13 Зарут Дунедарӕгӕн! Стаут Дунедарӕджы! Уый мӕгуыр лӕджы фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕны!
Талынг ӕмӕ бырынцъаг суӕд сӕ фӕндаг, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд!
сӕ цард-цӕрӕнбонты хъизӕмар кӕй не ’взарынц, сӕ амӕлӕты онг сӕ хъару кӕй нӕ сӕтты, уый уынгӕйӕ.
Мӕгуыргуртӕн, ӕдзухъомтӕн сӕ тыхсты заман Ды — се ’мбӕхсӕн: тыгъдызӕйӕ сӕ хъахъхъӕдтай, ӕнтӕфы-иу сын аууон фестадтӕ. Тыхгӕнджыты улӕфт — ӕнгом быруйыл хи ныххуырсӕг уадау;
— Ӕз дӕ фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕнауӕрдонты къухтӕй дӕ ратондзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!»