Йеремиа 15:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст9 Авд сывӕллоны ныййарӕгмӕ ныр хъару нал ис, ӕмӕ йӕ уд исы, ӕмбисбон аныгуылди йӕ хур, сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг ис. Чи ма аирвӕзт, уыдоны та Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн се знӕгты цӕстыты раз», — зӕгъы Дунедарӕг. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.