4 Зӕхх ӕнӕ донӕй ныскъуыдтӕ ис, зӕхкусджытӕ къӕмдзӕстыгӕй сӕ сӕртӕ ’мбӕрзынц.
дӕ сӕрыл хӕцгӕ, лидздзынӕ Мысырӕй. Дӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтай, уыдонӕй Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта, ӕмӕ семӕ ӕнтыстджын нӕ уыдзынӕ.
Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!
Къӕмдзӕстыгӕй лӕуут, зӕхкусджытӕ, ныддодой кӕнут, сӕндондартӕ, мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхорыл ныккӕут, уымӕн ӕмӕ быдырты бӕркад фесӕфтис.
Хоры гагатӕ зӕххы бын бамбыдысты, сафтид сты хордӕттӕ, нӕ къӕбицтӕ ныппырх сты, уымӕн ӕмӕ хор нӕй.
Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
Цалдӕр сахары цӕрджытӕ-иу дон нуазынмӕ иу сахары ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ сын дон нӕ фаг кодта, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.
ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау.