26 Дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгоммӕ сфӕлдахдзынӕн, цӕмӕй фӕхудинаг уай!
Уадз ӕмӕ дӕ буар разына, ӕмӕ дын дӕ худинаг уыной. Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн, никӕуыл бацауӕрддзынӕн».
хинымӕр фӕрсдзынӕ, ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕвзарын, зӕгъгӕ. Ӕнӕнымӕц тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, ӕмӕ дын ныр сфӕлдӕхтой дӕ фӕччи, фӕхынджылӕг дӕ кодтой.
Ӕз та Исавмӕ ӕппындӕр ницыуал ныууадздзынӕн, йе ’мбӕхсӕнтӕ йын иууылдӕр байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ бон бамбӕхсын не суыдзӕн. Йӕ фырттӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ цагъды фӕуыдзысты, йӕ кой дӕр фесӕфдзӕн.
Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —
уый тыххӕй дын Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн де ’ппӕт хӕзгулты дӕр, дӕхи кӕмӕй рӕвдыдтай ӕмӕ кӕй уарзтай, уыдоны, стӕй, де сӕфт кӕмӕй уыдтай, уыдоны. Алырдыгӕй дӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ дӕ фӕаллайаг кӕндзынӕн сӕ разы, ӕмӕ дын уыдон дӕ худинагмӕ кӕсдзысты.
Ӕгъатырӕй дӕ бафхӕрдзысты, байсдзысты дын де ’ппӕт фӕллӕйттӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй. Уӕд раргом уыдзысты дӕ худинаг, де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ.
Ӕз ын ныр йӕ худинаг йӕ хӕзгулты раз раргом кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын ӕй Мӕ къухӕй ничиуал байсдзӕн.
Ӕз ын сафтид кӕндзынӕн йӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ йӕ легъуи бӕлӕстӕ, йӕ хӕзгулты лӕвӕрттӕ кӕй хуыдта, уыдон. Хъӕды пыхсбынтӕ сӕ фестын кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ хъӕддаг сырдтӕ аныхъуырдзысты.
дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгомы онг сфӕлдахдзынӕн, адӕмтӕн дӕ равдисдзынӕн бӕгънӕгӕй, дӕ худинаг дын паддзахӕдтӕн фенын кӕндзынӕн.