9 Дунедарӕг мын загъта: «Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ’хсӕн сӕвзӕрди фыдвӕнд.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ.
Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.
Абырджытӕ искӕй размӕ куыд бабадынц, афтӕ Шехеммӕ фӕндагыл сауджынтӕ адӕмы марынц ӕмӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц.
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».
ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы.
Уыцы бон Йесойы амарынвӕнд скодтой.