14 Ды там Мӕм ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын лӕгъстӕ ма кӕн — бӕллӕхы заман Мӕм хъӕрахст куы кӕной, уӕд сӕ нӕ фехъусдзынӕн.
Мацы Мӕ бадом! Мӕ маст сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн — дӕуӕй та рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм».
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.
Дунедарӕг мын загъта: «Ацы адӕмы фарны сӕраппонд Мӕм ма кув.
Ком куы дарой, уӕд сын Ӕз сӕ кӕуын нӕ фехъусдзынӕн. Уыдон Мын иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, фӕлӕ сӕ Ӕз нӕ айсдзынӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн!»
Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!
Ды та ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын ма лӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм Ӕз нӕ хъусдзынӕн.
Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни.
Дунедарӕг сӕм куы сидти, уӕд Ӕм уыдон куыд нӕ хъуыстой, афтӕ сӕ Ӕз дӕр, куы сидой, уӕд нӕ фехъусдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ӕмӕ ма ноджы мӕнӕ цытӕ кӕнут: Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз кӕут ӕмӕ дзыназут, Дунедарӕг уын уӕ нывӕндтӕм кӕй не ’ркӕсы ӕмӕ сӕ кӕй нал айсы, уый тыххӕй.
Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.