26 Ма уӕм цытуарзаг, кӕрӕдзийы ма мӕсты кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кӕнӕм.
Фӕлӕ, хуынды уӕвгӕйӕ, фынгыл ӕппӕты дӕле сбад, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад“. Ӕмӕ уӕд иннӕ уазджыты цӕсты уыдзынӕ кадджын.
Уӕдӕ тауӕгӕй дӕр ӕмӕ донуадзӕгӕй дӕр ницы аразгӕ у — ӕппӕт дӕр аразгӕ у хордӕттӕг Хуыцауӕй.
Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы ’хсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд кӕсут уӕхимӕ, — ма фӕцӕгъдут кӕрӕдзийы.
Уӕхӕдӕг ӕй зонут, филиппӕгтӕ, Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ куы бавнӕлдтон ӕмӕ Македонийӕ куы рацыдтӕн, уӕд мын мӕ лӕггады тыххӕй иу аргъуан дӕр нӕ баххуыс кодта — ӕрмӕстдӕр мӕ сымах барӕвдыдтат.
сымах фыр хъалӕй уӕхицӕй ӕппӕлут. Алы ахӕм хиппӕлой ми дӕр фыдбылыз у.
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».