Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Галатӕгтӕм 5:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Фӕлӕ кӕд сымах Уды коммӕ кӕсут, уӕд Ӕгъдауы дӕлбар не стут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Галатӕгтӕм 5:18
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,


Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.


Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.


Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй хӕс нӕ дарӕм, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ цӕрӕм.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты.


Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут.


сӕрныллӕгдзинад, хиуылхӕст. Ахӕмтӕм Ӕгъдау бар нӕ дары.


Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм.


Ома, Ӕгъдау рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уыдонӕн фыст у — хиваст, ӕнаккаг, ӕнӕхуыцау, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕн, сыгъдӕгдзинад ницӕмӕдарджытӕн, фыд кӕнӕ мадмӕ йӕ къух сисджытӕн, лӕгмартӕн,


Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ