Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Галатӕгтӕм 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Галатӕгтӕм 5:11
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый уыдзӕни уаз — Израилы дыууӕ паддзахады кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы дур ӕмӕ уыцы къӕдзӕх, Йерусалимы цӕрджытӕн — къӕппӕг ӕмӕ ахсӕн хыз.


Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Уым иудейӕгтӕ кӕй царди, уымӕ гӕсгӕ Тимофейӕн сунӕт скодта, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр зыдтой, йӕ фыд муртаттаг кӕй уыд, уый.


Дӕу тыххӕй сын радзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгты ӕхсӕн чи цӕры, уыцы иудейӕгты ды се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕныс Моисейы Ӕгъдау ныууадзыныл, сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт нӕ кӕныныл ӕмӕ не ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрыныл.


Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртаттӕгты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат!»


Дзуары фӕдыл уазныхас кӕнын сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ ӕдылыдзинадыл нымайынц, фӕлӕ махӕн, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, уый Хуыцауы тых у.


мах та хъусын кӕнӕм дзуарылтыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейӕгтӕн цӕлхдур у, муртаттӕгтӕ та йӕ ӕдылыйыл нымайынц.


Ӕмӕ мах дӕр ӕрвылсахат цӕй тыххӕй вӕййӕм тӕссаг уавӕрты?


Ме ’мбӕлццон Тит бердзенаг уыди, фӕлӕ уымӕй дӕр сунӕт скӕнын нӕ домдтой,


О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырысти дзуарылтыгъд уӕ цӕсты раз уыди, афтӕ уын Ӕй куы равдыстӕуыд, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта!


Фӕлӕ ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырӕг Уды хъаруйӕ райгуырӕджы уӕд куыд ӕфхӕрдта, афтӕ у ныр дӕр.


Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл ӕрмӕст уый тыххӕй ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой.


Нырӕй фӕстӕмӕ мыл ахӕм уаргъ мачиуал ӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ мӕ буарыл Йесойы хъӕдгӕмттӕ хӕссын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ