Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Галатӕгтӕм 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Сымахмӕ дӕр ӕндӕр зонд кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл ӕз Бардарӕджы фӕрцы фидарӕй мӕ зӕрдӕ дарын. Уӕ зонд уын чи змӕнты — чидӕриддӕр уӕд, — уый ӕфхӕрд баййафдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Галатӕгтӕм 5:10
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам.


бакӕнӕм сайтаны бар йӕ буар ын бафхӕрыны тыххӕй, цӕмӕй йӕ уд фервӕза, нӕ Бардарӕг тӕрхон куы кӕна, уыцы Бон.


Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыди сымахмӕ раздӕр ӕрцӕуын, цӕмӕй уыл дыууӕ хатты сӕмбӕла хорзӕх.


Чырыстийы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕйы хатырӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд мӕ, курын уӕ, ахӕм уавӕры ма сӕвӕрут, ӕмӕ мӕ мӕхи хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхастӕй равдисын куыд бахъӕуа: мӕхи ахӕмӕй равдисын мӕ бон у, мӕнӕй афтӕ ӕнхъӕл чи у, ӕз дӕр, ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕрын, уыдоны раз.


Ӕмӕ бынтондӕр куы басӕттат, уӕд мах цӕттӕ уыдзыстӕм цавӕрфӕнды хивӕнддзинад бафхӕрынмӕ дӕр.


Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, цӕмӕй уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уе ’ппӕты цин дӕр у.


Уыцы адӕймагӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд, уӕ фылдӕрӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый.


Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.


Мӕнӕн ӕхсызгон у, алы хъуыддаджы дӕр сымахӕй ныфс ӕвӕрӕн кӕй ис, уый.


Семӕ ма сын ӕрвитӕм, бирӕ хъуыддӕгты йӕхи ӕнувыдӕй чи равдыста, нӕ уыцы ӕфсымӕры. Ныр та ноджы ӕнувыддӕр у, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ тынг дары сымахыл.


Уый ӕндӕр Фарны Уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы Фарны Уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ.


кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ.


Номджын хистӕрыл нымад чи уыди — кӕдфӕнды-цыфӕнды сгуыхт ма уой, мӕнӕн уӕлдай нӕу, Хуыцау никӕй хъулон кӕны — уыдон мӕ Фарны Уацыл уымӕй уӕлдай ницы бафтыдтой.


О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырысти дзуарылтыгъд уӕ цӕсты раз уыди, афтӕ уын Ӕй куы равдыстӕуыд, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта!


Сымахмӕ мӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы куы фӕуа, уымӕй уын тӕрсын.


Иннӕтӕ уыл ӕнувыд сты, ӕрмӕст зӕрдиагӕй нӕ — архайынц уӕ фӕхицӕн кӕныныл, цӕмӕй сымах уыдоныл уат ӕнувыд.


Куыд мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ фестын ӕмӕ уемӕ ӕндӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ уын цы бакӕнон, уый нал зонын.


О, уӕ зонд уын чи змӕнты, уыдон сӕхи куы бардузиккой!


Хорз куы цыдыстут, уӕд уӕ чи бахъыгдардта, цӕмӕй ӕцӕгады коммӕ мауал кӕсат?


Нырӕй фӕстӕмӕ мыл ахӕм уаргъ мачиуал ӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ мӕ буарыл Йесойы хъӕдгӕмттӕ хӕссын.


Уӕдӕ махӕй, алцӕмӕй ӕххӕст чи у, уымӕ ахӕм хъуыды хъуамӕ уа. Кӕд истӕй фӕдыл ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст стут, уӕд уын уый дӕр Хуыцау раргом кӕндзӕн.


Мах уын цы фӕдзӕхсӕм, уый кӕй аразут ӕмӕ йӕ кӕй араздзыстут, ууыл мах, Бардарӕджы фӕрцы, фидарӕй ӕууӕндӕм.


Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон сайтаны бар, цӕмӕй Хуыцауы фауын ферох кӕной.


Ӕз дӕм ныффыстон, кӕй мӕм байхъусдзынӕ, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Цӕй тыххӕй дын зӕгъын, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзынӕ, ӕз уый зонын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ