26 Уӕларвон Йерусалим та сӕрибар у — не ’ппӕты мад.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.
Уӕлахизы хъӕр, цины хъӕр кӕнут иумӕ, Йерусалимы хӕлддзӕгтӕ! Дунедарӕг батӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, ссӕрибар кодта Йерусалим.
Цин кӕнут, цинӕй райут мыггагмӕ, ныр цы фӕлдисын, уыдӕттыл. Ӕз аразын цины сахар Йерусалим, йӕ цӕрджыты зӕрдӕ йын дзаг кӕнын рухс амондӕй.
Цинӕй райут Йерусалимимӕ, цин ыл кӕнут, чидӕриддӕр ӕй уарзы, уыдон! Йемӕ бацин кӕнут, йӕ зӕрдӕ йыл кӕмӕн рысти, уыдон!
Дзуапп ӕрдомут уӕ ныййарӕг мадӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕ бинойнаг нӕу, Ӕз та нӕ дӕн йӕ сӕрыхицау. Йӕ хъахбай митӕ ныууадзӕд, хъазинаг ма аразӕд йӕ риуӕй.
Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.
Боныгон фӕкӕлдзыстут уӕхӕдӕг, ӕхсӕвы та — уӕ пехуымпартӕ. Ӕз уын уӕ ныййарӕг мады дӕр бабын кӕндзынӕн.
Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.
Уӕдӕ уӕ Фырт куы ссӕрибар кӕна, уӕд ӕцӕг сӕрибар уыдзыстут.
Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.
Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ.
Фыст у: «Авраамӕн уыди дыууӕ фырты — сӕ иу райгуырди цагъар сылгоймагӕй, иннӕ та — сӕрибар сылгоймагӕй».
Агар амоны Синайы хох Аравийы — фӕсномыгӕй уый у абоны Йерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.
Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.
Махӕн та нӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр — Бардарӕг Йесо Чырыстимӕ.
Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ,
Кӕд сӕрибар адӕм стут, уӕддӕр уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕн ӕмбӕрзӕны хуызӕн ма суа, уымӕн ӕмӕ сымах Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ стут.
Ӕмӕ арвыл фӕзынди стыр ӕвдисӕйнаг: йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Йӕ къӕхты бын — мӕй, йӕ сӕрыл — кады худ дыууадӕс стъалыйӕ.
Йӕ тӕрныхыл фыст уыди, сусӕг нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад».
Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.
Уӕлахиздзауы скӕндзынӕн Мӕ Хуыцауы Кувӕндоны астӕуккаг цӕджындз, ӕмӕ дзы никуыуал рацӕудзӕн. Ныффысдзынӕн ыл Мӕ Хуыцауы ном, уӕларвӕй, Мӕ Хуыцауӕй, чи ӕрцӕудзӕн, Мӕ Хуыцауы уыцы ног сахары — Йерусалимы ном ӕмӕ Мӕ ног ном.