24 Ам фӕсномыг хъуыды ис. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕ фидыды амонынц: сӕ иу ӕрцыди Синайы хохӕй, ӕмӕ дзы райгуыры цагъартӕ — уый у Агар.
ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын».
Мӕнӕ, Саррӕйы мысыраг унӕут Агар Авраамӕн кӕй ныййардта, уыцы Измаелы байзӕддӕгтӕ.
Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Уайдзӕф мын кӕнынц, ай нын ӕмбисӕндтӕй цы дзуры, зӕгъгӕ».
Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.
Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».
Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.
Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.
Агар амоны Синайы хох Аравийы — фӕсномыгӕй уый у абоны Йерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис.
Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм.
Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут.
Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.
Авраам ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у йӕ фырт Исаакы мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын, ӕмӕ йын ӕй ӕцӕгӕйдӕр фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ.
Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.
Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау
Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр Фидыдӕн йӕ цӕджындз.