22 Фыст у: «Авраамӕн уыди дыууӕ фырты — сӕ иу райгуырди цагъар сылгоймагӕй, иннӕ та — сӕрибар сылгоймагӕй».
Агар Аврамӕн ныййардта фырт, ӕмӕ йыл Аврам сӕвӕрдта ном Измаел. Уӕд Аврамыл цыдис ӕхсӕз ӕмӕ цыппарыссӕдз азы.
ӕмӕ загъта Авраамӕн: «Уыцы унӕуты ӕд лӕппу атӕр! Мӕ хъӕбул Исаакы раз дын уый дӕ бынтӕм ницы бар дары».
Фӕлӕ цагъар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырди, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый та — Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
Цы зӕгъы Сыгъдӕг Фыст? «Фӕсур цагъар сылгоймаджы ӕд лӕппу, уымӕн ӕмӕ цагъар сылгоймаджы лӕппу дӕ бынтӕм ницы бар дары — сӕрибар сылгоймаджы лӕппуйы бауыдзысты».
Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах стӕм цагъар сылгоймаджы нӕ, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы хъӕбултӕ.