21 Зӕгъут-ма мын, Ӕгъдауы дӕлбар уӕвын кӕй фӕнды, уыдон, Ӕгъдау цы зӕгъы, уый нӕ хъусут?
Йесо сын дзуапп радта: «Моисей уын цы бафӕдзӕхста?»
Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Ис сын Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ, уыдонмӕ хъусӕнт“.
Йесо сын загъта: «Уе ’Гъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут“?
Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауы куыд фыст ис, уымӕй мах зонӕм, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕнис, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты хъуамӕ уӕлӕмӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»
Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.
Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.
Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдонмӕ та се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕлгъыст. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: «Ӕгъдауы чиныджы цы фыст ис, ӕппӕт уыдон иудадзыг чи не ’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».
Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?