15 Уӕ цин цы фӕци? Мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн, гӕнӕн уын куы уыдаид, уӕд рафтыдтаиккат уӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ раттаиккат мӕнӕн.
Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы.
Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, фӕлӕ сын зонындзинӕдтӕ нӕ фаг кӕны.
Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.
Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.
Сӕ къух цас нӕ амыдта, уый бӕрц куыд лӕвӕрдтой, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн.
Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн цы арфӕ ракодта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттӕгтыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй.
Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕввӕрсон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ.
Ау, рӕстдзинад уын кӕй дзырдтон, уый тыххӕй уын знаг сдӕн?
Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.
Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад,
Алчидӕр йӕхи хъуыддӕгтӕм кӕсӕд ӕмӕ сӕ искӕй хъуыддӕгтимӕ ма барӕд. Уӕд, цы хъуыддӕгтӕ йын бантыст, уыдоныл цин кӕндзӕн.
Ӕз ӕвдисӕн дӕн уӕ сӕраппонд, стӕй, Лаодикийы ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны сӕраппонд, Эпафрас куыд бирӕ кусы, уымӕн.
Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы Фарны Уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын.
Уарзут сӕ ӕмӕ сын уӕлдай аргъ кӕнут сӕ куысты тыххӕй. Кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй.