29 Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ.
Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.
Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.
алчидӕр йӕ рӕстӕджы: фыццаг Чырысти, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд та — йӕхионтӕ.
Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уымӕ кӕсут? Чырыстийы кӕй у, ууыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уый ноджыдӕр ахъуыды кӕнӕд, мах дӕр уыйау Чырыстийы кӕй стӕм, ууыл.
Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст ис иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у.
Уымӕн ӕмӕ кӕд бынтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕвӕрд цӕуынц, уӕд уый зӕрдӕвӕрды бындурыл нал у. Фӕлӕ сӕ Авраамӕн та Хуыцау радта Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ.
Ноджы ма уын зӕгъын: бындар цалынмӕ саби уа, уӕдмӕ цагъарӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, кӕд ӕппӕты хицау у, уӕддӕр.
Уымӕ гӕсгӕ ды цагъар нал дӕ, фӕлӕ хъӕбул; ӕмӕ кӕд хъӕбул дӕ, уӕд дӕ Хуыцау скодта Йӕ бындар Чырыстийы сӕраппонд.
Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ.
Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй, ӕмӕ семӕ Хуыцауы ӕппӕт Израил!
Сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы бынтӕ муртаттӕгты дӕр сты. Уыдон дӕр — иумӕйаг буары хӕйттӕ, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр хауы, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау Фарны Уацы зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.
Цӕмӕй Йӕ хорзӕхы фӕрцы сраст уӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Хуыцауӕй мыггагмӕйы цард райсыныл.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?
Исаакы тыххӕй та йын афтӕ загъд уыди: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон нымад уыдзысты дӕ байзӕддӕгтыл».
Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.
Афтӕ Хуыцау дӕр Йӕ зӕрдӕбавӕрд сфидар кодта сомыйӕ; зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый чи хъуамӕ райстаид, уыдонӕн Йӕ сомыйӕ бӕлвырд равдыста, Йӕ фӕндон кӕй никуы аивдзӕн, уый.
Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.
Уӕлахиздзау райсдзӕнис ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз уыдзынӕн Йӕ Хуыцау, уый та уыдзӕни Мӕ хъӕбул.