20 Фӕлӕ ӕхсӕнылӕг ӕппынкъаддӕр дыууӕ ныхасгӕнӕгӕн вӕййы, Хуыцау та иу у.
Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.
Не ’хсӕн чи балӕууа, нӕ дыууӕйыл дӕр ӕмхуызон йӕ арм чи ӕрхӕсса, уый нӕй.
Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты; балхӕдтой паддзахы галуаны уынаффӕгӕнӕг Бласты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг истой паддзахы бӕстӕйӕ.
Ӕз мӕнӕ уый зӕгъын: Хуыцау цы фидыд сарӕзта, уымӕн йӕ бынат нӕ бацахста, цыппарсӕдӕ ӕртын азы фӕстӕ цы Ӕгъдау фӕзынди, уый; ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд баззад йӕ тыхы.
Байхъус, Израил! Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, у иунӕг Хуыцау!
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти.
Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.
Фӕлӕ Йесойӕн цы лӕггад уыди Йӕ бар, уый уыдоны лӕггадӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр Фидыды Ӕхсӕнылӕг у — уыцы Фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрды бындурыл ӕнцайы.
Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй, Йӕ мӕлӕты фӕрцы мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕн, фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон хатыргонд ӕрцӕуой, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.