Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Галатӕгтӕм 2:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Галатӕгтӕм 2:16
41 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адӕймаг Хуыцауы раз раст куыд уыдзӕн? Куыд уыдзӕн сыгъдӕг, сылгоймаг кӕй ныййардта, уый?


Ӕмӕ кӕд азымджынӕй баззайдзынӕн, уӕд ма цы у мӕ фыдӕбон дӕр?


Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар, ме ’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт, ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын; мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.


Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.


Ӕндӕр никӕй бон у ирвӕзындзинад раттын, уымӕн ӕмӕ арвы бын иунӕг ӕндӕр ном дӕр нӕй, фервӕзӕн нын кӕй фӕрцы ис».


Фарны Уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни».


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты — сунӕтгӕндты дӕр, стӕй, сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр.


Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст ис, уӕд сӕ йӕ бон уыди сӕрыстыр уӕвын, фӕлӕ Хуыцауы раз — нӕ.


фӕлӕ мах тыххӕй дӕр. Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн мах дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕууӕндӕм нӕ Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕгыл.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Хуыцауы цӕсты раст уӕвынмӕ нӕ тырныдтой муртаттӕгтӕ, фӕлӕ сраст сты — сӕ уырнындзинады фӕрцы.


Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.


Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны балхӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕна.


Сымахӕй Ӕгъдауы фӕрцы йӕхи чи раст кӕны, уыдон баззадысты ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕнӕхай фесты Хуыцауы хорзӕхӕй.


ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.


Нӕ Фыд Хуыцау зыдта рагацау ӕмӕ уӕ срухс кодта Йӕ Удӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ ссыгъдӕг уат Йӕ Тугӕй. Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, ахӕм арфӕ уӕ уӕд.


Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыцы хъизӕмар бавзӕрста — Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ Йӕ Уд райгас кодта.


Симон Петрӕй, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостолӕй, — нӕ Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы рӕстады руаджы нӕ зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын, уыдонмӕ.


Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уый бӕрц дзыллӕ — алы адӕмыхӕттытӕ, алы мыггаг, алы адӕмтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕй; сӕ уӕлӕ — урс-урсид дарӕс, сӕ къухы — пальмӕйы къалиутӕ. Уыдон лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ