Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Галатӕгтӕм 2:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕлӕ уыдон Фарны Уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд се ’ппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудейаг, муртаттагау цӕрыс, иудейаджы хуызӕн нӕ, фӕлӕ, уӕд муртаттӕгтӕй цӕмӕн домыс иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Галатӕгтӕм 2:14
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»


Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ӕрмӕстдӕр Ды — мӕ Бардарӕг, мӕ иунӕг фарн Ды дӕ!»


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды куывд, Саул ын йӕ хӕдзармӕ марджытӕ куы барвыста, уӕд.


Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.


Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн.


Рӕстгӕнджытӕн Уый ӕрцӕттӕ кодта уӕлахиз, тӕригъӕдӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.


Дӕ зӕрдӕйы мидӕг де ’фсымӕрмӕ ӕнӕуынондзинад ма ӕмбӕхс. Ӕргомӕй йын бауайдзӕф кӕн, науӕд дӕхӕдӕг дӕр йӕ тӕригъӕдты азымджын фӕуыдзынӕ.


ӕмӕ сын загъта: «Сымах хорз зонут, иудейагӕн кӕй нӕй муртаттагимӕ ӕмбӕлыны кӕнӕ йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуыны бар. Фӕлӕ мын Хуыцау раргом кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр ӕлгъаг ӕмӕ чъизийыл куыд нӕ нымайон, афтӕ.


Иудейӕ чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».


Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам.


Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.


Бардарӕг Йесоимӕ кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз зонын ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын, зӕххыл чъизи хойраг кӕй нӕй, ууыл; исчи чъизийыл цы нымайы, уый ӕрмӕст уымӕн у чъизи.


Стӕй, ӕртӕ азы фӕстӕ, ацыдтӕн Йерусалиммӕ, цӕмӕй базонгӕ уон Кифӕимӕ; ӕмӕ йӕм фӕдӕн фынддӕс боны.


Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр Фарны Уацмӕ уе ’ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый.


Ме ’мбӕлццон Тит бердзенаг уыди, фӕлӕ уымӕй дӕр сунӕт скӕнын нӕ домдтой,


Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм Фарны Уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй.


Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн Фарны Уац хъусын кӕнын, Петрӕн сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын куыд баргонд у, афтӕ.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.


Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл ӕрмӕст уый тыххӕй ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой.


Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.


Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр.


Раст фӕндагыл цӕут, цӕмӕй, къуылых чи у, уый ноджы тынгдӕр ма ныкъкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.


Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ