13 Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейӕгтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта.
уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О».
Стӕй Давиды фыртӕй хуыздӕр кӕмӕн хъуамӕ балӕггад кӕнон? Дӕ фыдӕн цы лӕггад кодтон, уыцы лӕггад кӕндзынӕн дӕуӕн дӕр».
Дӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕдӕм цӕуыс, уыцы сӕрхызтӕй дӕ ных кӕдӕм сарӕзтай,
Мард бындзытӕй хӕрздӕфгӕнӕн дӕр сысмаг вӕййы; кадджын ӕмӕ куырыхон лӕг иу чысыл куы фӕрӕдийы, уӕд йӕ куырыхон зонд дӕр ӕмӕ йӕ кад дӕр ӕнӕпайда фӕвӕййынц.
Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.
Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут.
Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома Ныфсдӕттӕг) кӕй хуыдтой, уыцы кипраг левит Йосефмӕ уыди зӕххы хай.
Сымах зонут: муртаттӕгтӕ ма куы уыдыстут, уӕд уӕ цыма иставӕр тых сайдта, афтӕ куывтат ӕгомыг гуымирытӕн.
Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».
Раппӕлинагӕй уӕм ницы ис. Армыдзаг ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй сӕнхъизын кӕны, уый нӕ зонут, ӕви?
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъуырнджытӕн цӕлхдур ма суой.
Фӕстӕдӕр, цыппӕрдӕс азы фӕстӕ, Варнавӕимӕ ногӕй ацыдтӕн Йерусалиммӕ, Титы дӕр акодтон немӕ.
Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.
Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.
Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.