15 Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд
Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ, лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ! Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ, дунейы рухс нӕма федтон, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.
Ныр мын, мӕ мады гуыбыны мӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ мӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕг Чи скодта, уыцы Дунедарӕг фӕдзӕхсы, цӕмӕй Йӕм раздахон Йаковы байзӕддаджы, ӕрбакӕнон Ӕм Израилы адӕмы. Ӕз кадджын дӕн Дунедарӕджы цӕсты. Мӕ Хуыцау мӕ скодта хъомысджын.
«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».
О Мӕ Фыд! Дӕу афтӕ бафӕндыди.
Уыцы тӕккӕ уысм Ын Сыгъдӕг Уд Йӕ зӕрдӕ байдзаг кодта цинӕй, ӕмӕ Йесо загъта: «Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Дунедарӕг! Стауын дӕ, Ды адӕттӕ куырыхонтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй! О, Мӕ Фыд, Дӕу афтӕ бафӕндыд!
Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».
Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.
Павелӕй, Хуыцау кӕмӕ фӕсидти ӕмӕ Йӕ Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бахӕс кодта, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй.
Йесойы фӕрцы ӕз сдӕн апостол, цӕмӕй Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты баууӕндын кӕнон Хуыцауыл.
Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.
Ӕмӕ рагацау кӕй снысан кодта, уыдонмӕ фӕсидти, сраст кодта, кӕмӕ фӕсидти, уыдоны ӕмӕ, кӕй сраст кодта, уыдоны схайджын кодта Йӕ кадӕй.
Уыцы адӕм мах стӕм — ӕрхуыдта нӕ канд иудейӕгтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕгтӕй дӕр,
Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Сосфенӕй —
Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕдылы» Уацы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.
Иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтӕй Хуыцау кӕмӕ фӕсидти, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.
Уымӕн ӕмӕ иузӕрдион у Хуыцау, Йӕ Фырт ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ уын бастдзинад саразыны охыл сымахмӕ Чи фӕсидти, Уый.
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй,
Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр Фарны Уацмӕ уе ’ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый.
Кӕй нӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ Уый бафӕндыд Йесо Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕнын.
Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд —
Хуыцау афтӕ бакодта, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Йӕ фӕндон сӕххӕст кодта нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы.
Хуыцау мах фервӕзын кодта ӕмӕ нӕ ӕрхуыдта сыгъдӕг цардмӕ — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Йӕ фӕнд ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Йӕ хорзӕх нын Йесо Чырыстийы руаджы суанг дуне сфӕлдисыны агъоммӕ рардӕуыд,
Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе ’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ.
Дунедарӕг Йе стыр номы хатырӕй Йӕ адӕмы дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон уыди сымахӕй Йӕхи адӕм саразын.