11 Хъуӕгтӕ ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын — ӕз сахуыр дӕн, цы ис, уый фагыл нымайыныл.
Йаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куынӕ уадза,
Моисей сфӕнд кодта уыцы лӕгмӕ баззайын. Уый йын радта йӕ чызг Циппорайы.
Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут ӕмӕ тыхӕй макӕмӕй мацы исут — разы ут уӕ мыздӕй».
Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг…
Нӕ зӕрдӕйӕн нын маст кӕнынц, мах та иудадзыг цин кӕнӕм; цыбыркъух стӕм, фӕлӕ бирӕты схъӕздыг кӕнӕм; ницы нӕм ис, фӕлӕ алцӕмӕн хицау стӕм.
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.
Хуыцауӕн та Йӕ бон у сымах алы хорзӕхӕй дӕр схъӕздыг кӕнын; уӕд уӕм ӕдзух алцыдӕр уыдзӕни, цас уӕ хъӕуы, уый бӕрц, ӕмӕ ма уӕлдайджынтӕй фаг уыдзӕн алы хорз хъуыддагӕн дӕр.
Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,
Уымӕн ӕмӕ сымахӕн, ахӕстӕтты чи уыд, уыдоныл уӕ зӕрдӕ рысти, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнусон исбон кӕй ис, уый зонгӕйӕ.