23 Саламтӕ дын ӕрвитынц, Йесо Чырыстийы сӕраппонд мемӕ ахӕстоны чи ис, уыцы Эпафрас,
Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.
Фарны уац сымах базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Эпафрасӕй — уый уӕ сӕраппонд ӕнувыдӕй кусы Чырыстийӕн.
Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк — Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый)
Салам уын ӕрвиты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Йӕ коммӕ кӕсат.
Павелӕй, Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахӕстӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Тимофейӕ — нӕ уарзон ӕмкусӕг Филимонмӕ,
уӕддӕр дӕм хуыздӕрыл нымайын ӕрхатын, уымӕн ӕмӕ дӕ уарзын — ӕз, зӕронд Павел, ныр та Йесо Чырыстийы сӕраппонд — ахст лӕг.