14 Фӕлӕ мӕ де ’вастӕй ницы бакӕнын бафӕндыд, цӕмӕй дӕ уыцы хорз хъуыддаг ӕвӕндонӕй арӕзт ма ӕрцӕуа, фӕлӕ — барвӕндонӕй.
Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.
Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.
Уыцы куыст барвӕндонӕй куы кӕнин, уӕд мын уаид мызд; фӕлӕ йӕ ӕз барвӕндонӕй нӕ кӕнын — ӕз аразын, мӕ бӕрны мын цы хъуыддаг бачындӕуы, ӕрмӕст уый.
Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?
Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.
Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз бакӕнинагыл банымадтон ӕфсымӕртӕм ӕрхатын, цӕмӕй уӕм ацӕуой нӕ разӕй ӕмӕ рагацау ӕрцӕттӕ кӕной, раздӕр ныфс кӕмӕй бавӕрдтат, уӕ уыцы зӕрдиаг ӕххуыс. Ӕмӕ уӕд уыдзӕн ӕнӕбары раттынау нӕ, фӕлӕ ӕцӕг зӕрдиаг ӕххуыс.
Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уый бӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.