Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 9:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Хӕстонтӕ дӕр бӕлӕсты къалиутӕ ӕрцагътой ӕмӕ Авимелехы фӕдыл ацыдысты. Сӕ къалиутӕ фидары алыварс ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ сыл арт бандзӕрстой. Уым уыди минмӕ ӕввахс нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, Шехемы мӕсыджы чидӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр басыгъдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 9:49
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы ’хсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд кӕсут уӕхимӕ, — ма фӕцӕгъдут кӕрӕдзийы.


Уымӕн ӕмӕ хӕлӕгдзинад ӕмӕ хирвӕссондзинад кӕм уа, уым уыдзӕни змӕст ӕмӕ алы ӕвзӕр митӕ.


Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты ’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты».


Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!


Уӕд Авимелех йӕ адӕмы фӕрӕттимӕ Цалмоны хохы цурмӕ ӕрбакодта, йӕ фӕрӕтӕй бӕласы къалиутӕ ӕрцагъта, йе ’ккоймӕ сӕ систа ӕмӕ йӕ хӕстонтӕн бардзырд радта: «Рӕвдздӕр! Сымах дӕр мӕн бафӕзмут!»


Уый фӕстӕ Авимелех Тевецы сахарыл ӕрхъула кодта ӕмӕ йӕ бацахста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ