Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 9:48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

48 Уӕд Авимелех йӕ адӕмы фӕрӕттимӕ Цалмоны хохы цурмӕ ӕрбакодта, йӕ фӕрӕтӕй бӕласы къалиутӕ ӕрцагъта, йе ’ккоймӕ сӕ систа ӕмӕ йӕ хӕстонтӕн бардзырд радта: «Рӕвдздӕр! Сымах дӕр мӕн бафӕзмут!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 9:48
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ ӕз кувын Дӕумӕ, Дунедарӕг, хорз цӕстӕй мӕм куы кӕсыс, уыцы рӕстӕг. Де стыр хорзӕхы фӕрцы мӕ фехъус, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ иузӕрдионы фӕрцы.


Цъымарайӕ мӕ слас, цӕмӕй дзы ма аныгъуылон, йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй мӕ бахиз, ӕнӕбын хуыдымӕй мӕ фервӕзын кӕн,


Авимелехӕн фехъусын кодтой, Шехемы мӕсыджы чи уыди, уыдон иууылдӕр уыцы ран ӕрӕмбырд сты, зӕгъгӕ.


Хӕстонтӕ дӕр бӕлӕсты къалиутӕ ӕрцагътой ӕмӕ Авимелехы фӕдыл ацыдысты. Сӕ къалиутӕ фидары алыварс ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ сыл арт бандзӕрстой. Уым уыди минмӕ ӕввахс нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, Шехемы мӕсыджы чидӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр басыгъдысты.


Авимелех ӕмӕ йе ’фсад мӕсыгмӕ хӕстӕг бацыдысты ӕмӕ йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты. Авимелех мӕсыгыл арт бандзарынмӕ куы хъавыди,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ