Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 9:45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

45 Авимелех ӕмӕ шехемӕгтӕ фӕхӕцыдысты ӕнӕхъӕн бон. Авимелех сахар бацахста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты ныццагъта. Шехемы сахар ныддӕрӕн кодта ӕмӕ йын йӕ бынаты цӕхх байзӕрста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 9:45
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровам Ефремы къуылдымтыл рацарӕзта Шехемы сахар ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй рацыд ӕмӕ рацарӕзта сахар Пенуел.


Сӕ сахартӕ сын ныппырх кодтой, сӕ бӕзнаг хуымтыл сын фӕйнӕ дуры фехстой, ӕмӕ сын афтӕмӕй дурты бын фесты, сӕ донгуырӕнтӕ сын ныццауӕзтой, сӕ дыргъдӕтты бӕлӕстӕ сын сфӕлдӕхтой. Сӕ сӕйраг сахар Кир-Харесетыл сын ӕрхъула кодтой ӕмӕ йыл дурӕхсӕнтӕй ралӕууыдысты, дур дзы дурыл нал ныууагътой.


Денджызы цур цъымаратӕ ӕмӕ култӕ ӕнӕнизгӕнӕг не суыдзысты, уыдон баззайдзысты цӕхджынӕй, цӕмӕй сӕ цӕхх исой.


Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.


ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Йӕ иу къордимӕ сахары кулдуары раз лӕууыд, иннӕ дыууӕ та, сахарӕй чи цыди, уыдоны цагътой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ