35 Эведы фырт Гаал лӕууыди сахары кулдуары цур. Ӕвиппайды рӕсӕнуатӕй фӕзындис Авимелех йӕ адӕмимӕ.
Шехеммӕ ӕрбацыдис Эведы фырт Гаал йӕ хӕстӕджытимӕ. Шехемӕгтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Гаалыл.
Ӕхсӕвы Авимелех йе ’ппӕт ӕфсадимӕ хӕстмӕ рацыдис, йӕ хӕстонтӕ цыппар къордыл адих сты ӕмӕ Шехемы алыварс бабадтысты.
Гаал сӕ ауыдта ӕмӕ Зевулӕн загъта: «Цавӕрдӕр адӕм къуыбырӕй ӕрцӕуынц». Зевул ын дзуапп радта: «Нӕ, уыдон адӕм не сты. Уый дӕм, къуыбыртыл цы аууӕттӕ ис, уыдон адӕмы хуызӕн фӕкастысты».