Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 9:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе ’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 9:24
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы.


Уыдоны туджы азар баййафӕд Йоавӕн йӕхи сӕр дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты сӕр дӕр мыггагмӕ. Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн та — йӕ байзӕддаг паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕн — Дунедарӕг мыггагмӕ фарн балӕвар кӕнӕд!»


Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.


Искӕмӕн дзыхъхъ чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххауы.


Йӕ фыдракӕнд йӕхи ныхмӕ рауайы, йӕхи сӕрыл ӕрцӕуы.


Цы зӕххыл ӕрбынат кодтат, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх тугӕй фӕчъизи вӕййы, ӕмӕ йын, искӕй туг чи ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уымӕн йӕхи тугӕй ис ссыгъдӕг кӕнӕн.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, искӕй амарын ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы туг ныккалыны тыххӕй гӕртам чи райса, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.


Шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сӕ алыварс хӕхты бабадтысты ӕмӕ, сӕ рӕзты чидӕриддӕр цыди, уыдоны стыгътой. Авимелехмӕ уый тыххӕй фӕхабар чындӕуыд.


Фӕлӕ Самуел загъта: «Дӕ кард сылгоймӕгты сӕ цотӕй ӕнӕхай куыд кодта, афтӕ дӕ мад дӕр йӕ фыртӕй ӕнӕхай фӕуӕд!» Ӕмӕ Гилгалы, Дунедарӕджы раз, аргӕвста Агагы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ