Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 8:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 8:33
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иоас цӕргӕ-цӕрӕнбонты Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, сауджын Йехода йын куыд амыдта, афтӕ.


Ӕнхъӕлынц ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы фынтӕ дзурынц, уыдоны тыххӕй Мӕ адӕм ферох кӕндзысты Мӕ ном, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Баалы тыххӕй Мӕ ном куыд ферох кодтой, афтӕ.


Йе ’нӕуромгӕ хъахбай митӕй фӕчъизи кодта зӕхх, дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстимӕ хъахбай митӕ кодта.


Йешуайы заман дӕр ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи рацард ӕмӕ, Дунедарӕг Израилы сӕраппонд цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы хистӕрты заман дӕр израилӕгтӕ ӕнувыдӕй лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн.


Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой.


Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, ныууагътой, афтӕмӕй сӕ Мысыры зӕххӕй Уый ракодта. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй мӕсты кодтой Дунедарӕджы.


Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ фӕтӕгтӕм дӕр нал хъуыстой, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кад кодтой. Сӕ фыдӕлтӕ цы фӕндагыл цыдысты, уымӕй иуварс тагъд фӕзылдысты. Уыдон Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой, адон та нӕ.


Фӕлӕ-иу куыддӕр фӕтӕг амарди, афтӕ та-иу израилӕгтӕ ногӕй сӕ раздӕры митӕм раздӕхтысты, сӕ фыдӕлтӕй-иу фӕфыддӕр сты, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад ӕмӕ табу кодтой, сӕ фыдгӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ хивастӕй цыдысты сӕ раздӕры фӕндагыл.


Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой.


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


Иоасы фырт Гедеон амарди хӕрз зӕрондӕй, баныгӕдтой йӕ Офрайы, йӕ фыд Иоасы зӕппадзы, Авиезеры зӕххыл.


Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой.


Баал-Бериты кувӕндонӕй йын дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы ӕвзист радтой. Уыцы ӕхцайӕ уый алы фыдгӕнджытӕ ӕмӕ дзӕгъӕлдзуты баххуырста.


Шехемы мӕсыджы чи царди, уыцы адӕм уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд, Ел-Бериты кувӕндоны цы фидар уыдис, уырдӕм ацыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ