Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 7:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уӕд иннӕ къордты цы хӕстонтӕ уыди, уыдон дӕр сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ сӕ хъуырӕуттӕ ныппырх кодтой. Галиу къухтӕй хӕцыдысты цырӕгътыл, рахизтӕй та — сыкъауадындзтыл, рӕсӕнуаты алыварс сыкъауадындзтӕй уасыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Дунедарӕг ӕмӕ Гедеоны сӕраппонд!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 7:20
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


О Дунедарӕджы кард, кӕд басабыр уыдзынӕ? Раздӕх дӕ кӕрддзӕммӕ, иу ран ӕрлӕуу, ӕрсабыр у!


Уайтӕккӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ, куыддӕр фӕстаг сыкъауадындз ныууаса, афтӕ. Сыкъауадындзы уастмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты, мӕлӕт сын нал уыдзӕн, мах та фендӕрхуызон уыдзыстӕм.


Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.


Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.


Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры.


Ацы сахар хъуамӕ ӕлгъыстаг фӕуа, чидӕриддӕр дзы ис, уыдонимӕ, хъуамӕ бабын уа — Дунедарӕгӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа. Ӕрмӕстдӕр хӕтаг сылгоймаг Рахав баззайӕд удӕгасӕй — йӕхицӕй дарддӕр ма йӕ хӕдзары чи уа, уыдонимӕ, уымӕн ӕмӕ нын не сгарджыты бамбӕхста.


Дунедарӕджы номыл ӕлгъыстаг фӕкодтой, сахары мидӕг цӕрдудӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдты, суанг галтӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты — се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой.


Сыкъауадындз куыддӕр ныууаса ӕмӕ йӕ куыддӕр фехъусат, афтӕ адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккӕнӕнт, ӕмӕ сахары систӕ бындзарӕй афӕлдӕхдзысты. Уӕд, сахарыл цы адӕм ӕрхъула кодтой, уыдон мидӕмӕ бабырсӕнт, алчидӕр сӕ, кӕм ис, ууылты».


Уӕдӕ архайдзынӕн, ацы дунейӕ куы ацӕуон, уӕд мӕ ныхӕстӕ кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл куыд лӕууой.


Ӕмбисӕхсӕв мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕрӕдзийы куы баивтой, уӕд Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы сӕдӕ хӕстоны уыди, уыдон мидианӕгты рӕсӕнуаты размӕ бацыдысты, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ сӕ хъуырӕуттӕ ныппырх кодтой.


Хӕстонтӕ рӕсӕнуаты алыварс лӕууыдысты, фӕлӕ сӕ бынӕттӕй не змӕлыдысты. Рӕсӕнуаты цы адӕм уыди, уыдон схъомпал сты, хъӕр-хъӕлӕба систой ӕмӕ лидзӕг фесты.


Дыккаг райсом Саул адӕмы фӕдих кодта ӕртӕ къордыл, ӕмӕ уыдон сӕумӕйӕ знаджы рӕсӕнуаты смидӕг сты. Сихорафонмӕ дӕрӕн кодтой аммонӕгты. Чи ма сӕ аирвӕзти удӕгасӕй, уыдон фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты, дыууӕ лӕджы дӕр дзы нал аззад иумӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ