14 Уӕд ын йе ’мбал афтӕ зӕгъы: «Уый израилаг Гедеоны, Иоасы фырты, хъама у. Дунедарӕг ын уӕлахиз радта, ӕмӕ ацы мидианӕгты рӕсӕнуат бацахсдзӕн».
Исты йын Ды нӕ аудыс йӕхиуыл дӕр, йӕ бинонтыл дӕр ӕмӕ йӕ исбоныл дӕр? Арфӕгонд у Дӕуӕй йӕ къухты фӕллой, ӕмӕ йӕ фосы рӕгъӕуттӕ бӕстыл нал цӕуынц.
Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Мӕнӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ныр, фӕлӕ мӕ бон дзурын у? Хуыцау мын мӕ дзыхы цы бафтауа, уый дзурдзынӕн».
Арфӕ ракӕнынмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн ӕз: Уый арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон аивын нӕу.
Бавӕрдта Дунедарӕг Йӕ ныхас Балаамы комы ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».
Ноджы ма Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕг нын уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй радта, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы ризынц ӕрмӕст нӕ койӕ дӕр».
ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.
Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.
Ехуд йӕ адӕмӕн загъта: «Цомут мӕ фӕдыл! Дунедарӕг уын уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта». Израилӕгтӕ Ехуды фӕдыл хӕхтӕй рацыдысты. Иорданы цӕугӕдоны донуайӕнтӕ бацахстой ӕмӕ се знӕгтӕй, моавӕгтӕй, фаллаг фарсмӕ бахизын никӕй уагътой.
Гедеон рӕсӕнуатмӕ хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ фехъуыста дыууӕ лӕджы ныхас. Уыдонӕй иу иннӕмӕн дзырдта: «Ӕз фыны уыдтон, цыма мидианӕгты рӕсӕнуатыл тымбыл хъӕбӕрхоры кӕрдзын фӕцӕйтылди. Цатыры онг куы батылд, уӕд ын ахӕм цӕф ныккодта, ӕмӕ цатыр афӕлдӕхт».
Гедеон, фын цы амоны, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Дунедарӕгӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ израилӕгты рӕсӕнуатмӕ раздӕхт ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сыстут! Дунедарӕг уын мидианӕгты рӕсӕнуат уӕ къухмӕ радта!»
Ӕмӕ Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдармӕ фӕсидтысты: «Ссӕут нӕм, цыдӕр зӕгъинаг уын стӕм!» Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Рацу мӕ фӕдыл! Дунедарӕг сӕ Израилы къухтӕм дӕтты».