40 Уыцы ’хсӕв ын Хуыцау йӕ курдиат сӕххӕст кодта. Хъуын баззади хусӕй, йӕ алыварс кӕрдӕг та иууылдӕр уыдис хуылыдз.
«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».
Гедеон та загъта Хуыцауӕн: «Ма мӕм смӕсты у, ацы хъуыныл ма мын ноджы иу нысан равдис. Ныр та хъуын хусӕй баззайӕд, йӕ алыварс та ӕртӕх фӕзынӕд».
Райсомӕй раджы Иеруббаал, ома Гедеон, йе ’фсадимӕ Хароды суадоны был рӕсӕнуат скодта. Мидианӕгты рӕсӕнуат та уыдис цӕгатӕрдыгӕй, дӕлвӕзы, Морейы хохы цур.