24 Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг, цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты ’хсӕн арфӕгонд у.
ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Аврам Иууылбӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!
Ӕмбӕлгӕ хӕрзиуӕг ын раттут, сахары кулдуары раз ӕй сыстаут!
Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]»
ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, дӕ зӕрдӕйы бын цы Сывӕллон ис, Уый!
Сисера ӕрбалыгъдис Йаелы, кенӕгты байзӕддаг Хеверы усы, цатырмӕ. Хеверы мыггаг Хацоры паддзах Йавинимӕ цӕдисонтӕ уыдысты.
Сисера бахатыди Йаелмӕ: «Дойны мын у, иу чысыл-ма мын дон авӕр». Йаел ӕхсыры лалым байгом кодта, Сисерайӕн ӕхсыр радта ӕмӕ та йӕ ногӕй ӕрӕмбӕрзта.
Уазӕг ракуырдта дон, уый йын радта ӕхсыр, бӕгъатыры аккаг кӕхцы йын ӕхсыры сӕртӕ бахаста.