17 Галаад Иорданы фале куы цӕры, Дан та цӕмӕн ӕрцарди йӕ науты? Асир дӕр денджызы был куы ’рбынат кодта, донбакӕлӕнтӕм хӕстӕг куы ’рцарди!
Рахелы унӕут Билхайы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим.
Систы хуынчъытӕй уӕ сахарӕй ракӕндзысты рӕгъӕй ӕмӕ уӕ Хармоны зӕхмӕ баппардзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Йазер ӕмӕ Галаады ӕппӕт сахартӕ, Раввайӕ скӕсӕнӕрдӕм Ароеры онг аммонӕгты бӕстӕйы ӕмбис,
Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай.
Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис Ханааны сахар Силомӕй, се ’фсымӕр израилӕгты цурӕй, аздӕхтысты Галаадмӕ, сӕ зӕхмӕ, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы бардзырд радта, уымӕ гӕсгӕ кӕй бацахстой, уырдӕм.