Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 20:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 20:15
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бениамины байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.


Бениамины мыггагӕй нымад ӕрцыди ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.


Йе ’фсӕддон къорды — ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.


Уыдон — Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, нымад та дзы ӕрцыд цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ.


Сӕ алы сахартӕй Гевӕйы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилы ныхмӕ стох кӕной.


Израилӕгтӕ сӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ та сӕ раздӕры бынаты рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты.


Уыдон та уыцы бон дӕр рацыдысты Гевӕйӕ ӕмӕ израилӕгтӕм бабырстой, ӕстдӕс мин гӕрзифтонг хӕстоны амардтой.


фӕлӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн ӕххуыс кодта Йӕхӕдӕг. Уыцы бон сын израилӕгтӕ се ’фсадӕй амардтой фондз ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз мин гӕрзифтонг хӕстоны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ